Евроцæдис Ираны ныхмæ санкцитæ сфидар кодта. ВВС-ы информацийæ, тобæдзиндæтæ баххæсдзысты фæдзæхстгæнæг агентадтæм æмæ Ираны дыууæ æмбæстагмæ. Ныгуылæны сау номхыгъдм æхаст чи æрцыд уыдоны Европæйы радон марындзинадæтимæ сбастой.
ХЪуыддаг æххæссы цалдæр европаг паддзахады аххосæгтæм, сæ нымæцы сты Нидерландтæ. Фæсарæн хъуыддæгты министры информацийæ, НИдерландты сусæг куыстмæ ис бæлвырдгæнæнтæ, ома 2015 азы, сахар Алмерейы æмæ 2017 азы Гаагæйы æрцæугæ марындзинæдты растдæр Иран у бæрнон. Голландийы дипломативон уагдоны фидиуæны банысангонд у, цæмæй дыууæ дæр цауы амæттæгтæ уыдысты равзæрдæй ирайнæгтæ. Уыдон Исламы Республикæйы редимы оппоненттæ уыдысты.
Цалдæр мæйы размæ Нидерландтæй Ираны минæварады дыууæ кусæгы марындзинадимæ гæнæн бастдзинады тыххæй раддæдуар кодтой. Октябры та Франц Ираны рагусгарæг куысты æргомæй фæазымджын кодта Паризы иуæй-иу амалыл лæбурды хъавды.
Политикон оппонентты марындзинады архайды Ираны фæазымджын кодта Даний дæр. Евроцæдисы террористты сау номхыгъдмæ бахæссынимæ иумæ, санкциты объекттæн, Европæйы территорийыл сын цы активтæ ис, уыдон æппæт хъодыæвæрд æрцæудзысты.
Ираны Исламы Респбуликæ ныгуылæны аххосæгтыл нæ сæтты. Тегераны дзурынц, цæмæй фæнысангонд аххосæгтæ Ираны æмæ Евроцæдисы æхсæн уæвæг ахастыты фæфыддæр кæныны архайд у зæгъгæ.