Евроцæдис  Ираны ныхмæ  санкцитæ  сфидар кодта
Евроцæдис Ираны ныхмæ санкцитæ сфидар кодта

Евроцæдис  Ираны  ныхмæ санкцитæ сфидар кодта.  ВВС-ы  информацийæ, тобæдзиндæтæ баххæсдзысты  фæдзæхстгæнæг  агентадтæм  æмæ Ираны дыууæ æмбæстагмæ.  Ныгуылæны сау номхыгъдм æхаст чи æрцыд уыдоны   Европæйы   радон   марындзинадæтимæ сбастой.

ХЪуыддаг æххæссы  цалдæр европаг    паддзахады  аххосæгтæм, сæ нымæцы   сты Нидерландтæ. Фæсарæн хъуыддæгты  министры  информацийæ,   НИдерландты   сусæг куыстмæ ис  бæлвырдгæнæнтæ, ома  2015 азы,  сахар  Алмерейы  æмæ 2017 азы  Гаагæйы  æрцæугæ   марындзинæдты  растдæр Иран у  бæрнон.  Голландийы  дипломативон   уагдоны  фидиуæны банысангонд у,  цæмæй  дыууæ дæр цауы   амæттæгтæ уыдысты  равзæрдæй  ирайнæгтæ.   Уыдон  Исламы Республикæйы  редимы   оппоненттæ  уыдысты.

Цалдæр мæйы размæ  Нидерландтæй  Ираны  минæварады  дыууæ   кусæгы  марындзинадимæ  гæнæн  бастдзинады  тыххæй  раддæдуар кодтой. Октябры  та  Франц   Ираны   рагусгарæг куысты æргомæй  фæазымджын кодта Паризы  иуæй-иу  амалыл лæбурды  хъавды.

Политикон оппонентты   марындзинады   архайды   Ираны фæазымджын кодта Даний дæр.  Евроцæдисы   террористты   сау номхыгъдмæ  бахæссынимæ иумæ,   санкциты объекттæн, Европæйы территорийыл сын цы активтæ  ис, уыдон æппæт  хъодыæвæрд æрцæудзысты.

Ираны Исламы  Респбуликæ  ныгуылæны  аххосæгтыл нæ  сæтты.   Тегераны  дзурынц, цæмæй  фæнысангонд  аххосæгтæ  Ираны æмæ   Евроцæдисы æхсæн  уæвæг  ахастыты фæфыддæр кæныны  архайд у зæгъгæ.