Евроцæдис æрсидтис Уæрæсемæ, ахæм къахдзæфтæ саразынæй сæхи бауромынмæ, кæцыты аххосæй гæнæн ис Украинаимæ ныттынггонд уавæр фæкарздæр уа
Евроцæдис æрсидтис Уæрæсемæ, сæхи бауромой ахæм къахдзæфтæй, кæцыты аххосæй гæнæн ис, Украинæимæ ныттынгонд уавæр фæкарз уа.
Уый фæдыл Евроцæдисы бæрзонддæр комисары минæвар Питер Стано райхъусын кодта брифингыл.
«Ныфс мæ ис, уавæр нæ фæкарздæр уыдзæн, æмæ конфликт нæ уыдзæн. Уый æнæруадзгæ уыдаит. Алы уæвæг контакт æмæ дипломативон тыхархайд, реалонæй здæхт сты уый кæрон скæнынæн», – райхъусын кодта Стано.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, 19 апрелы, Европаг Советы фæсарæн хъуыддæгты министрты рабадтыл касты иуæй-иу темæ хуырскæсæн Украинайы фарст уыдзæн æмæ Жозеп Борелы бахонынæй, хайад райсдзæн Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Димитри Кулеба.