Евроцæдис æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунеон организаци медикон ифтонггæрзтæ  радæттой
Евроцæдис æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунеон организаци медикон ифтонггæрзтæ радæттой

Евроцæдисы минæварад Гуырдзыстоны æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунеон организаци Гуырдзыстонæн   туаггуыры  180  концентратор,  пулсы 2000 оксиметр æмæ æндæр медикон ифтонггæрзтæ  радæттой.  Ифтонггæрзтæ райуардзысты æхъуты  амбулаторитæн, цæмæй бæстæйы масштабæй  æмбæсæгтæн  æнæнизхъахъхъæды  хуыздæр сервситæ уа  рæувадат.

Гуырдзыстоны  евроцæдис минæвар  Карл Харцеллы  фидиуæнæй,   пандемийы  фæткдæттыны  Гуырдзыстонæн   фидæны дæр баххуыс кæндзысты.

«Райгонд дæн   абон ам кæй  дæн æнæнизхъахъъæды  министримæ æмæ æнæнзидзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы минæваримæ иумæ.   Кæсæм  ифтонггæрзты  алæвæрдмæ, цæмæй  бахухыс уæм Гуырдзыстонæн, уа æнтыстджын ковиды ныхмæ тохы, афтæма æндæр низты ныхмæ.

Куыд зонут афтæмæй,   зæрдиагæй  куыстам  пандемийы  периоды,  сифтонг кодтам цыппар милуаны онг  чысыл  кæнæ ставд  ифтонггæрзтæ  ивгъуыд мæйты дæргъы.  Уый у ысаниуæгджын контрибуци абон, уымæн æмæ  ифтонггæрзтæ дæттæм, кæцытæй  спайда кæндзысты ковиды  астæуккаг уæзы  проблемæйы ныхмæ .    Сæрмгаондæй  та  бадавдзыстæм  регионтæм  æмæ  сæ сифтонг кæнæм.

Куыд æй уынут афтæмæй,   фидар кæнæм   телемедицинæ, куыд адæмæн рæувадат дæр скæныны фадарт, æмæ  ай у  ацы контрибуцийы  хай.  Райгонд дæн ам уæвынæй  æмæ уый  фенынæй  цæмæй  ифтонггæрзтæ æнæфидгæйæ  æрхæццæ сты» – райхъусын коодта Гуырдзыстоны Евроцæдисы мсинæвар Карл Харцелл.