Евробаскет 2025 | Гуырдзыстоны æмбырдгонд Францы фæуæлахиз ис æмæ турниры цыппæрæм финалмæ ахызт #1TVSPORT
Евробаскет 2025 | Гуырдзыстоны æмбырдгонд Францы фæуæлахиз ис æмæ турниры цыппæрæм финалмæ ахызт #1TVSPORT

Гуырдзыстоны баскетболон командæ Евробаскеты 16-æм туры турниры иуæй-иу фаворит Францы 80:70 хыгъдæй фæуæлахиз ис, историон фæстиуæг баххæсыд æмæ континенталон чемпионаты цыппæрæм финалмæ ахызт.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд Евробаскеты финалы цыппæрæм хайы фыццаг хатт ахъаздзæн, цы ран Финляндийы æмбырдгондимæ фембæлдзæн. Командæты æхсæн фембæлд 10-æм сентябры Тбилисы рæстæгæй 22:00 сахатыл райдайдзæн æмæ фыццаг къаналы комкоммæ трансляци уыдзæн.