Евробанк  Бакурианы муниципалон сервисты  фæхуыздæрæн  5 милуан евройы кредит рауæлдай кодта
Евробанк Бакурианы муниципалон сервисты фæхуыздæрæн 5 милуан евройы кредит рауæлдай кодта

Европæйы  Рекострукци æмæ  Рæзынады Банк (EBRD) Бакурианы  муниципалитеты,  муниципалон сервисты  фæхуыздæрæн   5 милуан  евройы бæрц кредит рауæлдай кодта.

Евробанкы веб-фарсыл публикацигонд куыд у уымæ гæсгæ,  муниципалитеты  пълангонд у,  ног сахарон  транспорты балхæд,  афтæма, бирæфункцион  уæззау техникæ,  уый нымæцы   митхафæг транспортон фæрæзтæ.

«Ацы суммæйæ  æлхæд æрцæудзæн  специалон   транспортон  фæрæзтæ,  сæ нымæцы митхафæг  афтæдæр бирæфункцион   уæзласæн   хæдутлæгæтæ æмæ 10 иуæг  нырыккон  сахарон транспорт,  кæцыйæ балц  комфортон дæр уыдзæн», – банысангонд у Европæйы  Рекострукци æмæ  Рæзынады Банкы публикацигонд  информацийы.

Уымæй уæлдай ма Евробанкы банысан кодтой,  цæмæй  Бакуриан  иуæй-иу хуыздæр   зымæгон курорт у, кæцы  хицæн кæны   йæ климат æмæ æрдзæй.

Европæйы  Рекострукци æмæ  Рæзынады Банкы информацийæ,  фæнысангонд   финансон  институт Гуырдзыстоны,  ныридæгæн  3.8 миллиард евройæ  фылдæр  инвестициты сæххæст кодта 252 проекты, сæ нымæцы  корпорацион, инфраструктурон æмæ  энергетикон къабæзты. Фæнысангонд инвестициты  89 процент хицæн сектормæ хауынц.