Евро 2024-ыл сеппæтæй  фылдæр  «сейвы» сыххæст Гиорги Мамардашвили #1TVSPORT
Евро 2024-ыл сеппæтæй фылдæр «сейвы» сыххæст Гиорги Мамардашвили #1TVSPORT

Европæйы 2024 азы чемпионат  футболы  Испанийы  æмбырдгонды уæлахиздзинадæй  фæцис. Финалы  Луис Де Ла  Фуэнтэйы  бал  Англисы басаста  хыгъдæй  2:1 æмæ  континенты  чемпонæй  историйы  цыппæрæм хатт ссис.

УЕФА-ы  официалон   вебфарсыл  уæвæг статистикон   бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,  фæудгонд турнирыл сегасдæр фылдæр хатт  порты фæстæмæ  акъуырдта Гуырдзыстоны æмбырдгонды дуаргæс Гиорги Мамардашвили. Гуырдзиаг сæрмагонд дуæртты  29 хатты  аирвæрзын кодта.

Дыккаг бынатыл ис Нидерландты æмбырдгонды дуаргæс Барт Вербруген  18  сейвимæ, æртыккаг бынатыл та  17 сейвимæ   англисаг Джордан Пикфорд.

Евро 2024-ы «Сыгъзæрин буцæ»  райсдзæн Гуырдзыстоны æмбырдгонд размæбырсæг   Гиорги Микаутадзе. Уый  æртæ  къæмы æмæ  иу та  голагъоммæ  лæвæрд  сыххæст кодта.

Бакой уын кæндзыстæм Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  Европæйы  чемпионатыл  историон  фæстиуæг сфиксир кодта. Вили Саньолы бал  æстæмфиналмæ ахызт æмæ  уым  фидæн  чемпион Испанийы æмбырдгондимæ матчы  фембылд ис.