Евгени Пригожин  хъусын кæны, цæмæй «Вагнеры» рæнхъытæм  æххуырст хæцджыты  райст урæд æрцыд
Евгени Пригожин хъусын кæны, цæмæй «Вагнеры» рæнхъытæм æххуырст хæцджыты райст урæд æрцыд

Хицæн уырыссаг   æфсæддон  компани «Вагнеры» бындурæвæрæг  Евгений Пригожин  хъусын кæны, цæмæй «Вагнеры»  рæнхъытæм  æххуырст хæцджыты райст фæцис.

Йæ дзырдæй, «Вагнер» нырма  йæ рæнхъыты  цухдзинад не нкъары.

«Нырма сæрмагонд сконды  дефицит нæй,  ног хæцджыты райсын нæ  хъавæм.   Фæлæ тынг  зæрдæрухс уыдзыстæм  кæд   махимæ контактыл  баххайдзыстут  æмæ куыддæр фыдыбæстæйы  бахæъудзæн  ног  уæлæмхас  къорды саразын, кæцыйæн йæ бон уыдзæн  нæ бæстæйы  интересты   бахъахъхъæнын, мах, кæй зæгъын æй хъæуы,  райдайдзыстæм хæцджыты райст», – хъусын кæны   Пригожин  сæрмагонд телеграмм каналыл.

Афтæма йæ  фидиуæнæй, «Вагнер»  дарддæр кæны  кусын   æрмæстдæр Африкæйы  æмæ  Белорусы  архайæг   бацæттæгæнæн  центрты.

Пригожины  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  хицæн  уырыссаг  компанийы æххуырст хæцджыты  фылдæр, ныр  уагуадзæны  сты, уымæн  æмæ сын уыд «тынг карз  куысты   дæргъвæтин период».

«Абон мах   архайæм ахæм рардтыл, кæцыты  контуртæ   дырысæй-дырысдæр зынынц.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  ацы рардтæ сыххæст уыдзысты  Уæрæсейы  стырдзинадæн», – райхъусын кодта  Пригожин.