Евангелийыфæдон аргъуан «Царды ныхас» бæрæгбон кæны Цыппурс. Мпециалонæй ацы бонмæ нывонд скуывдимæ иумæ, театрализацигонд равдыст дæр ацыд.
Бæрæгбонон скуывд 25 декабры 11:00 сахатыл райдыдта. Гуырдзыстоны «Царды ныхасы» аргъуанты хистæр пастор, мамука Джебисашвили куыд загъта афтæмæй, Цыппурсы бæрæгбон у,цардæттæг йæ райгуырдæй алкæы адæймагæн йæ тæригъæдтæй фервæзыны фадат куы ратта уый амонæг.
«Абон цæрæм ахæм дунейы, кæцыйы адæймæгтæ куы тыхсынц сæ тæригъæдтæй, проблемæтæ æмæ æндæр сагъæстæй. Хъуыды кæнын ацы бæрæгбон у уый зæрдылдарæн ома Хуыцау ацы фарста алыг кодта, Чырысти адæймагы хуызæй куы рарвыста адæммæ уæд» – райхъусын кодта Мамука Джебисашвили.
Цыппурсы бæрæгбон Евангели фæдон аргъуан «Царды ныхас» Тбилисы 1997 азæй бьæрæгбон кæны.