Ереваны хицауады ныхмæ акцийыл æрцахстуæвджыты нымæц 98-ы онг райрæзтис,  фæцæф сты  101 адæймаг, сæ нымæцы  барадхъахъхъæнджытæ
Ереваны хицауады ныхмæ акцийыл æрцахстуæвджыты нымæц 98-ы онг райрæзтис, фæцæф сты 101 адæймаг, сæ нымæцы барадхъахъхъæнджытæ

Сомихыстоны сæйраг горæт Ереваны, хицауады ныхмæ акцийыл  æрцахстуæвджыты нымæц  98-ы онг райрæзтис.  Уый фæдыл Сомихаг медиа   Сомихы мидхъуыддæгты министрадыл æнцойæ хусын кæны.

Бæрæг куыд у афтæмæй,   акцийыл зиæнттæ æдæппæт райстой 101 адæймаг, сæ нымæцы   сты  пъæлицæйæгтæ.

Знон акци ацыд Сомихыстоны парламенты  бæстыхайы цур, кæцы рæстæджы  бæстæйы  премьер-министр Никол Пашинян дзуаппытæ дæтта  депутатты  фарстытæн.

Барадхъахъхъæнджытæ бацархайдтой, демонстрантты  парламенты  æмбондæй дардгомау  анцадаиккой. Акцийы  хайадисджыты  æркуырд  Сомихыстоны премьер-министры, Никол Пашиняны куыстуæгъ уыдис. Уыимæ  акцийы  хайадисджытæ хъусын кодтой, цæмæй   Азербайджанимæ арæны демаркацийы  фæлгæтты  иуфарсон  фæхатыры ныхмæ сты.