Египеты, Синайы æрдæгсакъадахыл æвæг иуæй-иу мæзджыты срæмыгъды фæстиуæгæн иууылцъус 54 адæймаг амард
Египеты, Синайы æрдæгсакъадахыл  æвæг иуæй-иу мæзджыты срæмыгъды фæстиуæгæн  иууылцъус 54 адæймаг амард

Египеты, Синайы  æрдæгсакъадахыл  уæвæг иуæй-иу мæзджыты  срæмыгъды фæстиуæгæн  цалдæр дæсой адæймаг фæмард.

ВВС-йы информацийæ, срæмыгъды фæстиуæгæн иууыл цъус  фæмард  54  адæймаг.

Цау сахар  Бир ал-Абедийы  майрæмбоны куывды рæстæджы æрцыд.  Срæмыгъды гуыппы фæстæ,  цалдæр уæнг  кувджыты æрдæм æхст райдыдтой.

Бынæттон медийы  информацийæ,   фæцæф сты ноджы 150-ы онг адæймаг.

Бырсджытæ цауы бынатæй алыгъдытсты.  Ныр цæуы  фæдагуырд.

Египеты президент  хицауады  уæлвæткъ рабадт æрхуыдта.