Афгъанистаны, гарзджын  уæнгтæ  хицауадон быстыхаймæ балæбурдтой
Афгъанистаны, гарзджын уæнгтæ хицауадон быстыхаймæ балæбурдтой

Афгъанистаны, срæмыгъдты  серийы  амæттаг æссис,  иууыл цъус  9 адæймаг,  ноджы  36 та фæцæф сты. Ахæлиугонд хъусинагæй, цалдæр  адæймаг  сахар  Джалалаббады  хицауадон бæстыхаймæ  балæбурдтой.

Агентад «Ройтерсы» информацийæ,  сахары цалдæр  срæмыгъды хъæр айхъуыст, кæцыйы фæдыл райдыдта æхстытæ.

Афгъанистаны  æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ,   фæмардуæвджыты  æхсæн,   иу у  чысыл  сывæллон.  Бæстыхайы кæцымæ фыдгæнджытæ  балæбурдтой,   зæгъæн ис æнæхъæнæй  бамбæрзта  сау фæздæг. Афтæдæр сæ информацийæ,   хицауадон бæстыхайы цур,  ауыдтой  гранатаæхсджытæй  гарзджын   иууыл цуъус  4   бырсæгы.

Æрцæугæйыл бæрныл  йæхимæ, нырма иунæг къорд  дæр нæ райста.