Дзюдо | Лаша Бекаури у La Nucia European Open-ы уæлахиздзау #1TVSPORT
Гуырдзыстоны дыууæхаттон олимпиаг чемпион Лаша Бекаури (90 кг) Испанийы цæугæ Европæйы гом чемпионаты сыгъзæрин майдан рамбылдта, – Лаша турниры финалы аст секундæй фæуæлахиз испайнаг Дани Ньето-Тринидады æмæ Олимпион хъæзтыты фæстæ фыццаг титул рамбылдта.
Банысанкæнинаг у уый, æмæ La Nucia Open Championship-ы бирæ зындгонд дзюдоисттæ кæй нæ архайдтой, Гуырдзыстонæй та хæцыд æрмæстдæр Лаша Бекаури, кæцы ацы турнирæй спайда кодта æрцæугæ дунейы чемпионатмæ (13-20 июны) бацæттæ кæнынæн.