Джуаншер Бурчъуладзе  Чехы ног минæваримæ фембæлдис
Джуаншер Бурчъуладзе Чехы ног минæваримæ фембæлдис

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе  Гуырдзыстоны  Чехы Республикæйы  ног минæвар, Петр  Кубернатимæ фембæлдис.  Базонгæйы равгы  фембæлдыл  хъахъхъæнынады министр чех дипломатæн  минæвары позицийыл снысаны  фæдыл  раарфæ кодта æмæ йын йæ куысты æнтыстытæ ракуывдта.

Фарсытæ фæныхас кодтой Еврокомиссийы лæвæрд рекомендацийыл  Гуырдзыстонæн  Евроцæдисы  кандидаты статус алæвæрды фæдыл.  Банысан ис  ныгуылæйнаг интеграцийы фæндагыл  Гуырдзыстонæн Чехы  фарсдарын, сæрмагондæй та, бæстæты æхсæн  хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады æрдгæй  политикон  æмæ практикон æмгуыстад.

Хъахъхъæнынады министр хъусдард раздæхта  Евроцæдисы цæстдарæг миссийы чехаг  цæстдарджыты, афтæма НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакетæй (SNGP) бæрæг  иництиативæты  чехаг экспертты хайбавæрдмæ; фæнысан ис  НАТО-ы иргъæфы фæрæзты  рацаразыны   æууæнкы фонды (DCB TF) фæлгæтты SNGP-ы  иницитивæтæн Чехы финансон æххуыс.

Джуаншер Бурчъуладзе  Гуырдзыстон æмæ Чехы  Республикæйы æхсæн  хъахъхъæнынады сферæйы фæстиуæгджын  дыууæфарсон æмгуыстадмæ раздæхта хъусдард  æмæ фæныхас кодта  уагдæтты æхсæн  дыууæфарсон  æмгуыстады палнæй  бæрæг  мадзæлттыл,  афтæма æхсæнадæмон  æфсæддон  ахуырты  чехаг æмæ гуырдзиаг  æфсæддæтты  иумæйаг хайадыд.  Министр хаххгондæй банысан кодта  стратегион æмвæзады  æмгуыстады нысаниуæг æмæ чехаг коллегæйы Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.  Фембæлды хайад райста Чехы  хъахъхъæнынады  атташе, вице-булкъон  Михаил Собарна.