Джозеп Борел – Гуырдзыстон Евроцæдисы кандидат бæстæ у, сидын хицауадмæ, сифтонг кæнæт сабыр æмбырды бар
Æддæ æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар Джозеп Борел Тбилисы уагъд акцийæн соцаилон хызаджы дзуапп кæны.
«Хъæддых фауын тыхмидзинад Гуырдзыстоны протестон акцийы хайадисджыты ныхмæ, кæцы сабыр демонстраци кæнынц фæсарæйнаг æндæвдады фæдыл закъоны ныхмæ. Гуырдзыстоны Евроцæдисы кандидат бæстæ, сидын йæ хицауадмæ, сифтонг кæна сабыр æмбæстæгты бар. Уый бамынæг кæнынæн тыхæй спайда кæнын нæрайсгæ у» – фыссы Борел.