Джозеп Борел хъусын кæны, цæмæй «бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды» фæдыл закъондæттæн пакет йæ бын ракъахдзæн адæймæгты фундаментон бартæн, райрæзын кæндзæн дискриминаци

11:52, 18.09.2024

Æддагон æмæ æдасдзинады  фарстаты  Евроцæдисы  бæрзонддæр минæвар  Джозеп Борел  хъусын кæны, цæмæй «бинонты  хæзнаты æмæ æнахъомты  хъахъхъæды» фæдыл  закъондæттæн  пакет   йæ  бын ракъахдзæн   адæймæгты  фундаментон бартæн, райрæзын кæндзæн  дискрмиминаци.

Борел «Х»-ы  фарсыл куыд  фыссы  афтæмæй,  сиды  Гуырдзыстонмæ, фæстæгмæ асидæт  ацы  закъондæттынад.

«Гуырдзыстоны парламент райста закъондæттæн пакет «бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты  хъахъхъæды» фæдыл, кæцы  йæ  бын ракъахдзæн  адæймæгты  фундаментон бартæн, райрæзын кæндзæн дискриминаци æмæ  стигматизацийы.   Сидын Гуырдзыстонмæ, фæстæмæ асидæт ацы закъондæттынад,  кæцы  бæстæйы  ноджы  дарддæр  æппары  Евроцæдисмæ интеграцийы  фæндагæй», –  фыссы Джозеп Борел.

Хуыздæр