Джорджиа Мелони -  экономикон  æмгуыстады райынгы æртæазон планы нысан у, Италиа æмæ Китай  бакусæм  базарадон ахастыты  сбаланс кæныныл
Джорджиа Мелони - экономикон æмгуыстады райынгы æртæазон планы нысан у, Италиа æмæ Китай бакусæм базарадон ахастыты сбаланс кæныныл

Итали айы премьер-министр Джорджиа Мелони   Китайы президент Си Дзинпинимæ фембæлдис.

Фембæлды рæстæджы Мелони   райхъусын кодта, цæмæй   дуне   ивы  æмæ æхсæнадæмон фæткæвæрдыл  бындурæвæрд системæ   расидты раз лæууы.

«Мах ацы визитæй райдайæм æртæазон  архайадон план. Планæй бæрæг у нæ дыууæфарсон æмгуыстады  фидæн æртæ азы, кæцыйы  нысан у, адарддæр кæнæм   нырид  уагхд куыстытæ, фæлæ  афтæдæр бацагурæм  æмгуыстады ног сферæтæ æмæ формæтæ, параллелонæй та   бакусæм  базарадон ахастыты  сбаланс кæныныл.  Ацы  цæстæнгасæй, мæ  хъуыдымæ гæсгæ  Италиайæн афтæдæр йæ бон  у  нысаниуæгджын рол сыххæст кæнын  Евроцæдисимæ  ахастыты уæвæг хъыгдзинады æрдгæй», –  райхъусын  кодта  Мелони Си Дзинпинимæ  фембæлды рæстæджы.