Джо Байден æмæ Си Дзинпин 14 ноябры Индонезийы плангонд «Стыр Дыууыны» саммитыл фембæлдзысты
Джо Байден æмæ Си Дзинпин 14 ноябры Индонезийы плангонд «Стыр Дыууыны» саммитыл фембæлдзысты

Аиш-ы æмæ Китайы  президенттæ, джо Байден æмæ  Си Дзинпин  14 ноябры  Индонезийы  плангонд  «Стыр Дыууыны»  саммитыл   фембæлд ауадздзысты. Уый фæдыл  Информаци Урс Хæдзары хъусын кæнынц.

АИШ-ы  президенты  администрацийы  хъусинагæй,  Джо Байден  æмæ СИ Дзинпин  регионон  æмæ  глобалон  фарстатыл  фæныхас кæндызсты.

«Лидертæ æркæсдзысты   тыхархайд АИШ æмæ Китайы æхсæн  коммуникацийы  хаххытæ химæ ныууадзыны, фæарфдæр сæ кæныны, конкуренцийы  бæрнонæй уадзын æмæ  иумæ кусын уым, цы ран нæ  интерестæ  кæрæдзимæ æмбæлон сты, сæрмгаондæй   транснационалон  быцæусидтытыл, кæцыты тæфаг  стыр у æхсæнадæмон  дзыллæйыл» – райхъусын кодта  АИШ-ы  президенты  администрацийы  пресс-спикер Карин Жан-Пьер.