«Джео Скайы» къухдариуæггæнæг хуъсын кæны, цæмæй авиакомпанийы кусджытæ ацы этапыл Суданы æдасæй сты æмæ æнхъæлмæ кæсынц эвакуаци райдайынмæ
Авиакомпани «Джео Скайы» къухдариуæггæнæг Шалва Кикнадзе хъусын кæны, цæмæй компанийы кусджытæ, кæцытæ Суданы сты ацы этапыл æдас уавæры сты.
Кикнадзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн куыд фехуъсын кодта, афтæмæй, авиакомпани æнхъæлмæ кæсы бæлвырдмæ, цæмæй кусджыты бæстыхайæ рацæуын тæссаг нæу, цæй фæстæдæр райдайдзæн сæ эвакуаци.
«Нæ цауы, хъуамæ бантыса уæлдæфон наумæ бацыд, йæ абсгæрст æмæ уый æстæ рахæсдзыстæм уынаффæ ратæхдзыстæм æви альтернативон фæндагæй æххæст кæнæм нæ кусджыты эвакуаци. Ацы ахаст баст у æдас къæлидорыл, кæд нын уыдзæн официалон бæлвырд, цæмæй гæнæн ис бæстыхайæ рацæуын. Алы минуты æнхъæлмæ кæсæм дзуаппмæ. 72 сахатон фидыд райдыдта майрæмбон фæлæ хъыгагæн, æхст нæ банцад. Нæ кусджытæн ницы проблемæ ис, дон æмæ хæринаг сæм ис, æнхъæлмæ кæсынц куыд гæнæн ис афтæ рацæуой уырдгæй», – райхъусын кодта Шалва Кикнадзе.
Суданы бæстæйы æфсады æмæ «цырд æххуысы тыхты» хæцджыты æхсæн быцæудзинад 15 апрелæй цæуы.