Джеймс Аппатурайи – Фæнды нæ Гуырдзыстоны фенæм, каддæр поляризацигонд политикон уавæр, фенæм, цæмæй хицауад æмæ оппозици иумæ кусынц
НАТО-ы фæнд фенын, Гуырдзыстоны реформæты адарддæр кæнын, фæнды нæ фенæм къаддæр поляризацигонд политикон уавæр. Фæнды нæ фенын, цæмæй хицауад æмæ оппозици иумæ кусынц, цæмæй уынаффæтæ хаст цæуынц политикон быцæудзинадæй цух, – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдары æххуысгæнæджы хæдивæг Джеймс Аппатурайи парламенты ацæугæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Аппатурайи дзырдæй, НАТО-ы уæнг паддзахадтæн бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстоны цæрджыты стыр хай разы у Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвынимæ.
«Ай уæрæх æвдыст у политикон системæйы дæр. Парламенты фехъустон, цæмæй Гуырдзыстоны НАТО-ы уæнгсуæвынæн бирæпартион фарсхæцын ис, кæцы тынг æхсызгон у, уый фыст у конституцийы дæр. Алы уынаффæ ацы æрдгæй нысаниуæгджын у. НАТО-ы афтæдæр фæнды, Гуырдзыстоны реформæты адарддæр кæнын, фæнды нæ фенæм къаддæр поляризацигонд политикон уавæр. Фæнды нæ фенын, цæмæй хицауад æмæ оппозици иумæ кусынц, цæмæй уынаффæтæ хаст цæуынц политикон быцæудзинадæй цух. Тынг поляризацигонд у уавæр ам, Гуырдзыстоны, æмæ НАТО-ы уæнг бæстæтæ уый тыххæй тынг архæсгай сты. НАТО, куыд организаци нæ исы хайад санкциты. Бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстон у вазыгджын географион æмæ æдасдзинады æрдгæй уавæры. Уыимæ НАТО-ы уæнг бæстæты лидерты фæнды фенын, цæмæй æмхъуыдыджын бæстæтæ максимум аразынц Украинайæн фарсхæцынæн æмæ Уæрæсейыл æлхъывд стынг кæнынæн», – райхъусын кодта Аппатурайи.