Джастин Маккензи – Абоны бон у фадат, акæсæм фидæнмæ, кæцыйы дæр Гуырдзыстон уырыссаг телæмбондтæй дих нал у
Мæнæн стыр кад у Британийы минæвары рангы ам уæвын, цæмæй сæ нæмттæ ссарæм уыцы адæймæгтæн, кæцы сæхи цард ауæлдай кодтой 2008 азы хæсты рæстæджы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Стыр Британийы минæвар Джастин Маккензи Смит, Мухатгвердийы æфсымæрон ингæныл уæвыны рæстæджы райхъусын кодта.
«Стыр цыт у сæ ном ссарын уыцы сæдæгай адæймагæн, кæцытæ тыхбын уыдысты, сæрмагонд хæдзæрттæ ныууадзын 2008 азы æмæ 90-æм азты конфликты рæстæджы, афтæдæр мысæм уыцы адæймæгты кæцытæ абон тыхыбын сты конфликты фæстиуджытимæ тох кæнын. Афтæдæр у фадат, цæмæй акæсæм фидæнмæ, кæцыйы Гуырдзыстон нал уыдзæн дих уырыссаг телæмбондтæй, кæцыйы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад сæндиддзæн æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн сæ бон у иумæ, сабырæй æмцард кæнын», – райхъусын кодта минæвар.
Фарстыл зæгъгæ 2008 азы чи райдыдта хæст, минæвар дзуры: «Бузныг фарсты тыххæй, фæлæ абон уыцы адæмы мысæм, кæцытæ дæр зиан бавзæрстой».