Дыккаг сыгъзæрин континенты фыццагадыл – Лука Маисурадзе Европæйы Чемпион у #1TVSPORT

Софиайы  цæугæ  Европæйы Чемпионатыл   дзюдойы, æвзонг   Лука Маисурадзе (90кг), сыгъзæрин майдан  рамбылдта.  Финалон ерысы  гуырдзиаг  абырста  сербаг  Дарко  Браниовичы.  Уый лукайæн  фыццаг сыгъзæрин  майдан у(хистæрты)  контитненты фыццагадыл, уæдмæ уый  Европæйы  чемпионатыл  кадетты æхсæн  æмæ юниорты  фæуæлахиз ис.

Континенты фыццагадыл ацы  этапыл  Гуырдзыстоны  æмбырдгонды хыгъдыл ис  дыууæ  сыгъзæрин æмæ иу  бронзæ майдантæ.  Европæйы Чемпион  Тато Григалашвили (81 кг)  ссис, æртыккаг бынат  та   бацахста Этер Липартелиани (57 кг).