Дунейы  лидертæ Гуырдзыстонæн  тæфæрфæс кæнынц
Дунейы лидертæ Гуырдзыстонæн тæфæрфæс кæнынц

Батумы, фысымуат   «Леогрнады»  зынгирвæзты   рæстæджы фæмардуæвджыты  тыххæй, Гуырдзыстоны хицауадæн  æмæ  гуырдзиаг адæмæн  мæсæллытæ кæнынц дунейы лидертæ.

Литвæйы фæсарæн хъуыддæгты министр  Линас Линкявичус   уый фæдыл  фидиуæны  публикаци скодта «Твиттеры»  официалон фарсыл.

 

«Батумы æрцæугæ  æбуалгъ  зынгирвæзты тыххæй, мæ фæнды  гуырдзинад адæмæн  тæфæрфæс кæнын. Арф æмæнкъард сидын  фæмардуæджыты тыххæй, æмæ тæфæрфæс кæнын  сæ хæстæджытæн,  æрмæст зианбаййаыджтæн мæ  фæнды ракувон тагъд  сæнæниз уын» –  фыссы Литфæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр.

 

Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министрад

 «æмæнкъард кæнæм  Батумы, фысымуаты  зынгирвæзты  рæстæджы фæмаруæвджыты  хæстæджытæн.  Цауы фæстиуæгæн зианбаййаыджтæн кувæм  тагъд радзæбæх.  Нæ  хъуыдытæ  ерын сты Гуырдзыстонимæ» –  фыст ис  Эстонийы фæсарæн хъуыддæгты министрады «Твиттеры» публикацигонд   мæсæллæйы  тексты.

 

Турчы премьер-министр

 «Тынг хъынцъым кæнын  уымæй, æмæ изæры  сахатты  Батумы  иуæй-иу фысымуаты  сырæзт зынгирвæзты тыххæй,  æрбамард дæсæй  фылдæр  адæймаг æмæ дзы ис зианбаййафджытæдæр.  Сæрмагондæй Æз æмæ Турчы хицауад    нæ  хæлар  гуырдзиаг адæмы фыдохы  хайджын стæм  æрцæугæ факты тыххæй, æрмæст зианбаййафджытæн та кувæм тагъд  сæнæниз уын.

Фæнды спайда кæнон моментæй æмæ сымахæн æмæ гуырдзиаг  адæмæн ракувон   æнæниздзинад æмæ амондджындзинад» – дзырдæуы  Турчы премьер-министры  мæсæллæйы фыстæджы.

 

Тереза Мей

 «Хъынцъым кæнын  Батумы  фысымуат «Леогранды» æрцугæ зынгсирвæзты тыххæй. Тæфæрфæс кæнын  фæмардуæвджыты  бинонтæн æмæ  гуырдзиаг адæмæн» –  фыссы  Британийы  премьер-министр.

 

Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министрад

«Зæрдæбынæй  тæфæрфæс кæнæм Гуырдзыстонæн  сахар Батумы  амæттæгты бинонтæн æмæ  хæлæрттæн.   Тагъ  радзæбæз кæнын  кувæм  зианбаййафджытæн» –  дзырдæуы  Латвийы фæсарæн хъуыддæгты  министрады  фидиуæны, кæцыйы  уагдон публикаци скодта «Твиттеры».

 

Афгъанистаны   хицауад

 «Афгъанистаны  хицауад,  Гуырдзыстоны сахар Батумы, фысымуаты  зынгсирвæзты  амæттæгты  тыххæй,  хъынцъым кæны.  Нæ хъуыдытæ сты  Гуырдзыстоны хицауады  æмæ  катастрофæйы амæттæгты   бинонты уæнгтимæ»  –  дзырдæуы  Афгъанистаны хицауады мæссæллæйы  фыстæджы.  Æмбæлон фидиуæны  Афгъанистаны президент  публикаци  скодта  социалон хызаг «Твиттеры».

 

Батумы зынгсирвæзты  рæстæджы фæмаруæвджыты  тыххæй, 27 ноябрь Гуырдзыстоны  расидт æрцыд фыдохы  бонæй.

 

Батумы  фысымуат «Леогранды»  зынгсирвæзты фæстиуæгæн  æрбамард Гуырдзыстон 10 æмæ Ираны иу æмбæстаг.

Мидхъуыддæгты министрады информацийæ  госпитализац  бахъуыд  21 адæймагæн  –  сæ цардмæ тас не  ртъхъирæн кæны.   Зианбаййафджыты нымæцы ис   мидхъуыддæгты мининстрады   уæлфæткъ уавæрты  фæткъдар  агентады  иу зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг.

Æрцæугæ факты фæдыл,  фæдæвзарæн цæуы  Гуырдзыстоны   тугтæрхоны барады кодексы  243-аг статийы  3-аг пунктæй,  кæцы йæ хъуыдыйы  дары  зынгвæдисон æдасдзинады  фæткъæвæрд саст  –  уыцы  гоймагы æрдгæй, кæцы хæсджын уыд  ацы  фæткъæвæрд сххæст кæнын,  кæцы фæстагмæ расидтис  дыууæ  кæнæ фылдæр адæймагы  царды скуынæг  кæнæ æндæр  уæззау  фæстиуæг.

Зынгсирвæзт  фысымуаты  24 ноябры, 20:00 сахатмæ æввахс  фæзынд .