Дунейы чемпионаты æвзарæн къæпхæн | Гуырдзыстоны иугонд бал Туркимæ фембæлдзæн – комкоммæ эфир Фыццаг Къаналыл #1TVSPORT
Дунейы чемпионаты æвзарæн къæпхæн | Гуырдзыстоны иугонд бал Туркимæ фембæлдзæн – комкоммæ эфир Фыццаг Къаналыл #1TVSPORT

Гуырдзыстоны æмбырдгонд футболæй 2026-æм азы Дунейы чемпионаты æвзарæн къордон этапы фыццаг матчы Турчы æмбырдгонды ныхмæ Тбилисы «Динамо Аренайы» ахъаздзæн. Фембæлд 20:00 сахатыл райдайдзæн, комкоммæ æвдыст та Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал æмæ Спорт Фыццаг Къанал сæххæст кæндзысты.

Гуырдзыстоны æмæ Турчы иугонд балтæ фæстаг хатт фембæлдысты 2024-æм азы Европæйы чемпионаты. Уый уыд Гуырдзыстоны æмбырдгонды фыццаг хъазт егъау æхсæнадæмон турниры кæронбæттæн этапыл. Хъазт фæцис 3:1 хыгъдæй туркæгты пайдайæн.

Æдæппæтæй футболон фæзыл нæ сыхæгтимæ фембæлдыстæм æхсæз хатты. Туркæгтæ цыппар хатт фæуæлахиз сты, иу хъазт ахицæн æмдыхæй, æмæ 2007 азы Тбилисы Давит Сирадзейы пуртийæ нæ ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз стæм 1:0 хыгъдæй. Ацы фембæлд Туркæн уыд фæстаг, кæцы Гуырдзыстоны сæйраг сахары сырæзт.