Дунейы Brent-ы маркæйы нефты баррель аргъ 100 долларæй дæлдæр æрхауд
Business Insider-ы информацийæ, Brent-ы æнæфснайд нефты аргъ ныртæккæ у 99 доллары бæрц иу баррельæн.
Иран Ормузы донкъубал куы сæхгæдта, кæцыйы уылты цæуы дунейы нефты фæндзæм хайы бæрц, уæдæй фæстæмæ æрмæстдæр цалдæр науæн бантыст донкъубалæй ацæуын. Денджызы блокадæ нефты æргътæ нысаниуæгджынæй фæбæрзонддæр кодта.
АИШ æмæ Израилы æхстытæ Ираны ныхмæ, Brent-ы æнæфснайд нефты аргъ йæ максимуммæ баххæсыд 9-æм марты, уæд уыд 119,5 доллары иу баррель.
Уымæй дарддæр ма, знон, 31-æм марты нефты аргъ 118,6 доллæрæй ахызт.