Brent-ы маркæйы нефты баррелы аргъ 111 долларæй ахызт æмæ фæстаг бонты сеппæтæй бæрзонддæр æмвæзадмæ баххæсыд
Brent-ы маркæйы нефты баррелы аргъ 111 долларæй ахызт æмæ фæстаг бонты сеппæтæй бæрзонддæр æмвæзадмæ баххæсыд

Нефты æргътæ фæстаг 24 сахаты дæргъы ногæй фæбæрзонддæр сты. Медийы  хъусинагæй,  «Брент»-ы баррелы аргъ 111 долларæй ахызт, кæцы фæстаг бонты сеппæтæй бæрзонддæр у.

Уæдмæ та АИШ-ы нефты æргътæ 2,8% сырæзтысты æмæ 115,61 доллармæ схызтысты.

Sky News-ы информацийæ, нефты аргъ цыппæрæмæй фæстæмæ 100 долларæй дæлдæр нæ æрхауд. Медийы информацимæ гæсгæ, уый аххосаг у Дональд Трампы æртхъирæн Ираны æмбæстагон инфраструктурæмæ масштабон бабырстытæй.

Æрмæгæн: фарон нефты баррелы астæуккаг аргъ уыд 69 доллары.