Дунейон Банкъ короноавирусы пандемийыл реагир кæнынæн Гуырдзыстонæн 80 милуан АИШ доллар рауæлдай кæндзæн
Дунейон Банкъ Гуырдзыстонæн 80 милуаны бæрц АИШ доллары финансон æххуысы пакет рауæлдай кодта, цæмæй йæ къух ацараза хицауадæн æнæнизхъахъхъæд æмæ социалон сферæйы «Ковид-19»-æй расайгæ фæстиуджытæ фæрогдæр кæныны æмæ сыл æхъугæйæ реагир кæнынæн, – информацийы хъусын кæны Дунейон Банкъ.
Афтæма сæ хъусинагæй, фæнысангонд финансдзинад у Дунейон Банкъы «Ковид-19»-ы цырд реагир кæныны пакеты хай (FTCF). Информацимæ гæсгæйæ, Дунейон Банкъ, афтæдæр æмкуыст кæны Азийы Инфраструктурæйы инвестицион Банкъимæ æмфинансдзинады бадзырдæй уæлæмхасæй 100 милуан АИШ доллары æрбаласынæн.
«Проектæн йæ нысан у уыцы мадзæлттæ сфинанс кæнын, кæцытæ къухаразæг сты «Ковид-19»-ы пандемийæ расайгæ æртъхъирæны превенцийæн, сæ рабæрæг кæнын æмæ сыл раегир кæнын, афтæдæр, сегасдæр мæгуыр социалон цъар æнæаргъæвгæйæ социалон æххуысæй сифтонг кæнын.Æнхъæлмæ кæсинаг у, цæмæй проект пайдаджын уыдзæн цæрджыты уæрæх спектрæн, сæрмагондæй та фæрынчынуæвæг цæрджыты æмæ рискъы къорды уæвæг уыцы хайæн, цахæм дæр сты ацæргæтæ, хроникон низтæй рынчын уæнгтæ, уæлвæтк уавæрты кусджытæ æмæ медицинон персонал. Æнæнизхъахъхъæды æрдгæй, «Ковид-19»-ыл реагир кæныны сæрмагонд мадзæлттæ æххæссынц фæрынчыны цаутæ рабæрæг кæнын æмæ сæ сбæлвырд кæнынмæ, тестæй басгæрсты фæфылдæрмæ, афтæ куыд цаутæ контрол кæнынæн æнæнизхъахъъæды системæ фæтынгдæр кæнын», – банысан кодтой Дунейон Банкъы.
Афтæма сæ хъусинагæй, проект бæрæг финансон æххуыс бадавдзæн мæгуыр æмæ æдых мидфæллойгæнджытæн, нысанон социалон æххуысы программæйы ауæрæхы фæрцы æмæ рæстæгмæ æхцай трансфертæ сифтонг кæныны фæрцы уыцы уæнгты, кæцытæ пандемийы тыххæй сæ куыст бынатæй фæцух сты.
«Цырд æххуысы механизмы фæрцы мах йæ къух аразæм адæймæгты фервæзын кæнын æмæ ацы вазыгджын афон пандемийы æндæвдады бын уæвæг уæнгтæн цæрынæн хъæугæ фæрæзтæ бахъахъхъæнын. Гуырдзыстонæн, COVID-19-ыл реагир кæнынæн мадзæлттæн, Дунейон Банкъы финансдзинады пакет, нæ аргълæвæрдæй 200 милуан АИШ доллары бæрц уыдзæн, кæцымæ ма бамхас уыдзæн 300 милуан АИШ доллары финансдзинад дæр, кæцыйы рауæлдай кæнын, пълангонд уыд 2020-2021 азты бæстæйы рæзынадæн хъæугæ ахæм ахсджиаг проектты сæххæстæн, цахæм дæр сты цифрон бастдзинад æмæ инфраструктурæ», – банысан кодта Дунейон Банкъы регионон директор Хуссар Кавказы Себастьян Моллинеус.