Дунейон Банк – Гуырдзыстоны инфляци 2023 азы виппайды фæкъаддæр ис, æнхъæлмæ касинаг у, цæмæй инфляцийы бæрæггæнæн афæдзы кæронмæ æртæпроцентон бæрæггæнæнй ныллæг уыдзæн
Дунейон Банк публикаци скодта хыгъдлæвæрды «Глобалон экономикæйы перспективæтæ» январы рауагъд. Хыгъдлæвæрд афæдзы мидæг дыууæ хатт публикаци кæнынц (январы æмæ июны) æмæ уым бавдыст у глобалон æмæ регионон, афтæма бæстæты, сæ нмыæцы Гуырдзыстоны экономикон райрæзты прогнозтæ.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, 2021 æмæ 2022 азты дыууæ нысанджын экономикон рæзты фæстæ, 2023 азы Гуырдзыстоны рæзт фæсындæг ис, фæлæ фидар лæууы 6.5 проценты æмвæзадыл. Документмæ гæсгæйæ, ацы бæрæггæгæнтæ сæрыфыццаг прогнозимæ абаргæйæ бæрзонддæр у, уымæн æмæ фæлхасгæнæгон хардзты рæзт, туризмы сногимæ иумæ æхцайæ æрвитæггæгты къадатæ фæкъаддæр сбаланс кодта.
«Инфляци 2023 азы виппайды фæкъаддæр ис, кæцы уыд ныллæг базайрагон æргътæй расайгæ, сæрмагондæй хæлцадон æмæ артагы æргътæй, афтæма ларийы къурсæй. Æнхъæлмæкæсинаг у цæмæй инфляцийы бæрæггæнæн афæдзы кæронмæ æртæпроцентон нысанон бæрæггæнæнæй ныллæгдæр уыдзæн.
Прогнозмæ гæсгæйæ, 2024 азы дæргъы экономикон рæзт 4.8 проценты онг фæкъаддæр уыдзæн, кæцы æвдисы æнхъæлмæкæсинаг фæсындæг базарадон партнер бæстæты, афтæ куыд æхцайы къадæты фæкъаддæр. Монетарон политикæ æнхъæлцау æмбаргæ фæлгæтты фæрогдæр уыдзæн экономикон рæзтæн баххуыс кæнынæн.
Бæрзонд æбæрæгдзинадмæ нæкæсгæ, фæнысангонд перспективæимæ баст рискытæ фылдæр балансгонд сты», – дзырдæуы хыгъдлæвæрды.