Дунейон Банк -  Адæймагон капиталы Дунейон Банкы трансформацион инвестици йæ къух сараздзæн  Гуырдзыстоны экономикон фæрныгад сбæрзонддæр кæнынæн
Дунейон Банк - Адæймагон капиталы Дунейон Банкы трансформацион инвестици йæ къух сараздзæн Гуырдзыстоны экономикон фæрныгад сбæрзонддæр кæнынæн

Гуырдзыстоны экономикон  фæрныгады  потенциалы нысаниуæгджынæй рæзын кæны  адæймагон капиталы программæ, кæцыйы абон  Дунеон  Банкы  директорты совет Гуырдзыстонæн  сбæлвырд кодта, –  уый фæдыл  информацийы хъусын кæны Дунеон Банк.

Сæ информацимæ гæсгæйæ,  400 млн АИШ  доллары бæрц финансдзинад стыр æмтгæйон   бирæфадыгон инвестици у, кæцыйы Дунеон Банк  Гуырдзыстоним æмпартнерады 30 азы  дæргъы  сыххæст кодта.

Ай у фыццаг   цау, Дунеон Банк  куы пайда кæны финансдзинады инструментæй  «Программæ фæстиуджыты тыххæй»  адæймагон капиталы бирæфадыгон  æрдæмадæй, æмтгæйон финансдзинадæн, сæрмагондæ та ахуырады, æнæнизхъахъхъæды  æмæ социалон  хъахъхъæдады  фæстиуджытæ  фæхуыздæр кæнынæн.  Афтæма  фыццаг  хатт  у Дунейон Банкы финансдзинады фæнысангонд инструментæй пайдакæнынад Гуырдзыстоны.