Дунейон Банк – 2022  азы Гуырдзыстоны æмтгæйон  мид продукты реалон  рæзты прогноз  8.8%-ы онг райрæзт, кæцы  сегасдæр бæрзонддæр бæрæггæнæн у Европæ æмæ  Централон Азийы регионы
Дунейон Банк – 2022 азы Гуырдзыстоны æмтгæйон мид продукты реалон рæзты прогноз 8.8%-ы онг райрæзт, кæцы сегасдæр бæрзонддæр бæрæггæнæн у Европæ æмæ Централон Азийы регионы

Дунейон Банк публикаци  скодта  Европæ æмæ Централон Азийы  регионы экономикон   афæлгæст, кæцыйы бавдыст у  регионы æмæ   уымæ хауæг   бæстæты,  сæ нымæцы Гуырдзыстоны  экономикон рæзты  прогнозтæ,   Украинамæ  Уæрæсымæйы  бырсты  æмæ пандемийы фæстиуджыты  уæлæндæвды  уавæрты.

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæй, 2022 азы  Гуырдзыстоны æмтгæйон  мид продукты  реалон    рæзты прогноз  æнхъæлмæкæсинаг  5.5 проценты бæсты, 8.8  проценты  онг райрæзт, кæцы  сегасдæр бæрзонддæр   бæрæггæнæн у  Европæйы æмæ Централон Азийы  регионы.

Дунеон  Банкы  аргълæвæрдæй, Хуссар Кавказы  2022  азы   уагъд   продукцийы  гуырахст  5.6 процентæй  райрæздзæн, кæцы  тынг  цырд у  Европæ  æмæ Централон Азийы  регионты  æхсæн.

«2023 азы  Гуырдзыстоны  экономикон рæзт  фæсындæгдæр уыдзæн  æнхъæлцау 4.2  проценты онг, кæцы  æвдисы 2022  азы  фидар сæндидзыны  стимулы фæлæмæгъ, Евроцæдисы экономикон  рæзты  фæкъаддæр  æмæ 2023  азы  Уæрæсейы  уагъд продукцийы гуырахсты  æнхъæлмæкæсинагæй  егъаудæр  хауд.

2023  азы   æнхъæлмæкæсинаг у  æргъты рæзты  тенденцийы фæкъаддæр, уымæн æмæ æркуырд  фæкъаддæр уыдзæн  æмæ дæргъвæтин   фиксиргонд  аргъы  конт ракттæ, гæнæн ис, ахъаззаг уыдзæн Гуырдзыстоны  энергохæсджыты  архæй  сæвзæргæ  шокты сфæлмæндæр кæнынæн», –  хъусын кæнынц  Дунейон Банкы.