Дубайы Бурдж-Халифа ноджы иу хатт срухс ис Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй
Дубайы Бурдж-Халифа ноджы иу хатт срухс ис Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй

Дубайы иуæй-иу сеппæтæй зындгонддæр нысаниуæгджын бынат – Бурдж-Халифа ноджы иу хатт Гуырдзистоны  тырысайы хуызтæй срухс ис.

Гуырдзыстоны фыццаг къаналы уацхæссæг Дубайæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Бурдж-Халифа Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй срухс ис дунейы хицауады саммиты хайадисæг гуырдзиаг делегацийы цытæн.

Æппæтдунеон хицауады саммиты сæйраг темæ у «Фидæны хицауадты формирдзинад» æмæ дзы хайад исы 6 мин делегатæй фылдæр. Саммиты хайад исынц 30-æй фылдæр паддзахады æмæ хицауады сæргълæууæг, 80-æй фылдæр æхсæнадæмон организаци, хицауады делегацитæ 140 бæстæйæ. Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе дунеон хицауады саммиты хайад исы, ​​делегациимæ Дубаймæ абалц кæнгæйæ.

Уæ информацийæн, Бурдж-Халифа раздæр срухс ис Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй ацы азы 27-æм январы. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй дунейы алкæмæй бæрзонддæр бæстыхайы срухс баст уыд Гуырдзыстоны 6 миллиард инвестицийы фæдыл бадзырд бафыссынимæ.