Доны поло | Гуырдзыстоны æмбырдгонд Европæйы чемпионаты Словенийыл фæуæлахиз ис æмæ дыккаг этапмæ путевкæ рамбылдта #1TVSPORT
Сербийы сæйраг горæт Белграды цæуы Европæйы чемпионат доны полойæ. Гуырдзыстоны æмбырдгонд къордон этапы кæронбæттæн матч Словениимæ ахъазыд. Къордæй размæ рацыд æртæ командæ, æртыккаг æвзарæн бынатыл та тох кодтой Словени æмæ Гуырдзыстон.
Гуырдзиæгтæ фембæлд æууæнкджынæй сарæзтой æмæ рамбылдтой 22:11. Фыццаг таймы фæстæ хыгъд уыд æмхуызон – 8:8. Æртыккаг периоды нæ командæ фæуæлахиз 6:2 æмæ ам скъуыддзаг æрцыд хъазты хъысмæт.
Дыккаг къæпхæны арæзт æрцæудзæн дыууæ къорды, кæцытæй хуыздæр цыппарæй арæзт æрцæудзæн æрдæгкæронбæттæны дыууæтæ. Гуырдзыстоны æмбырдгонд 17-æм январы йæ радон матч Италийы ныхмæ ацæудзæн, комкоммæ репортаж Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал æвдисдзæн.
