Донивылды тыххæй Самтредиа-Лачхути-Григолеты  фæндаджы 43-æм км-ыл змæлд  рæстæгмæ   арæнгонд у
Донивылды тыххæй Самтредиа-Лачхути-Григолеты фæндаджы 43-æм км-ыл змæлд рæстæгмæ арæнгонд у

Æхсæнадæмон нысаниуæгы  Самтредиа-Ланчхути-Григолетийы  автомобилон фæндаджы  42-æм км-ыл,   уæлдайджын  дæлдзырæтты тыххæй ивылд  цæугæдон  Цъхъалцъитела   рæстæгмæ  арæн скодта   автомобилон фæндагыл змæлд. Уый фæдыл  информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны регионон   рæзынады æмæ  инфраструктурæйы  министрады   автомобилон фæндæгты  департамент.

Уагдоны информацийæ, фæнысангонд фадыгыл   цыдис хиды  реабилитаци, цæй тыххæй  дæр  автотранспорты  змæлдæн арызт уыд рæстæгмæ фæндаг.

«Ивылд цæугæдон  базиан кодта  рæстæгмæ фæндаг.  Автомобилон  змæлды    афоныл сног кæнынæн.   Интенсивон   режимæй цæуы  зиангонд фæндаджы сноггæнæн куыстытæ.

Ацы рæстæгмæ, автотранспорты  змæлд  рæстæгмæ   ивтыгъд у   æхсæнадæмон   нысаниуæгы  Сенаки- Поти (Асакцеви)–Сарпийы  автомобилон фæндагмæ», –   банысангонд у фæндæгты   департаменты   инфорамцийы.