Дональд Тускъ - Фæнды мæ дырысæй зæгъын, Советон Цæдисы коллапс, пырх уыдис позитивон фæзынд Гуырдзыстонæн, Польшæйæн, Цеентралон æмæ Скæсæн Европæйы бæстæтæн, уырнæг дæн, йæхæдæг Уæрæсейæн дæр
Фæнды мæ хъæрæй æмæ дырысæй зæгъын, Советон Цæдисы коллапс, пырх уыд стыр æмæ позитивон фæзынд Гуырдзыстонæн, Польшæйæн æмæ Централон æмæ Скæсæн Европæйы бæстæтæн – уый тыххæй, Европаг Советы президент, Дональд Тускъ, Батумы цæугæ бæрзонд æмвæзады æхсæнадæмон конференцийыл « «Аргъджын партнерады 10 аз – рацæугæ фæндаг æмæ перспективæтæ», кæцы «Скæсæн Партнерады» 10 азы сæрмæ нывонд у.
Дональд Тускъ куыд банысан кодта афтæмæй, цæугæ азы афтæдæр банысан уыдзæн Евроцæдисы ауæрæзы 15-æм азы сæр, кæцы егъау фæстиуджытæ æрхаста.
«Стыр кад у хайад кæй исын ацы конференцийы. Æнахуыр рæсугъд сахар Батумы, цы ран мах нысан кæнæмСкæсæн Партнерады 10 азы с æр. Ай нысаниуæгджын у уыцы æрдгæй, цæмæй Европæйы историйы дæр нысаниуæгджын фæзындтæ банысан кæнынц. 2019 азы нысан кæнæм Евроцæдисы ауæрæхы 15 азы сæр дæр, кæцы стыр фæстиуджытæ æрхаста мæ бæстæйæн –Польшæйæн. Ацы аз мах афтæдæр нысан кæнæм Советон доминацийы коллапс, кæцы райдыдта демонстрацитæй Тбилисы æмæ æндæр бæстæты. Польшæйы уагъд ацыд сæрибар æвзæрстытæ уыцы азы фæззæджы æмæ а.д. Хъуыды йæ кæнут 2005 азы Уæрæсейы президент куы расидтис, цæмæй зæгъгæ мах хъуамæ басæттæм, цæмæй Советон Цæдисы коллапс ацы эпохæйы сегасæй стырдæр рæдыд уыд. Фæнды мæ хъæрæй æмæ дырысæй зæгъын, Советон Цæдисы коллапс, пырх уыдис стыр æмæ позитивон фæзынд Гуырдзыстонæн, Польшæйæн, Централон æмæ Скæсæн Европæйы бæстæтæн, уырнæг дæн, йæхæдæг Уæрæсейæн дæр. Ай у тынг символон афон, фæуынаффæ кæнæм, цæмæй цы рацыдыстæм ацы фæстаг 10 азы мидæг æмæ куыд адарддæр кæнæм нæ цыд»,- райхъусын кодта Дональд Тускъ.