Дональд Трампы импичменты процедурæйы фæлгæтты зылынгæнæг хатдзæг лæвæрд æрцыд Сенатмæ
АИШ-ы минæвæртты палатæ Дональд Трампы ныхмæ импичменты процедурæйы фæлгæтты, зылынгæнæг хатдзæг алæвæрдта сенатмæ. Æмбæлгæ документыл уæдмæ йæ къух бафыста, минæвæртты палатæйы спикер, Ненси Пелос.
«Демокративон Партийы» контролгонд минæвæртты палатæйы ацæугæ халæппæрсты рæстæджы, хъуыддаг сенатмæ алæвæрды скуыддзагæн, 228 закъондæттæг схъæлæс кодтой, 193 конгрессмен та йæ ныхмæ рацыдысты.
Дональд Трампæн бавдыст дыууæ аххосагы æхсæн хицауиуæгæй фыдвæнд пайда кæнын æмæ Конгрессы цæугæ фæдагуырд фæкуылмпы кæнын у.
Конгрессы уæллаг палатæйы импичменты процесс иннæ къуырийæ райдайдзæн.
Дональд Трамп АИШ-ы историйы æртыккаг президент у, кæцыйы ныхмæ импичменты процесс сыххæст уыдзæн.