Дональд Трампы дзырдæй ралæуды рæстæджы Урс Хæдзары цур быцæудзинад æрцыд [видео]
АИШ-ы президент Дональд Трампы дзырдæй ралæуды рæстæджы Урс Хæдзары цур пъæлицæйы æмæ демонстрантты æхсæн быцæуæмбæлд сырæзт. Барадхъахъхъæнджытæ цæссыгуадзæн газ апырх кодтой.
Демонстранттæ хъæр кодтой «ма фехсут», «сымах стут тас».
Активисттæ Урс Хæдзары цур пъæлицæйы æрдгæй тыхмидзинады æмæ расизмы спротест кæнынмæ æрымбырд сты.
Акцитæ АИШ-æ сæйраг горæт æмæ æндæр горæтты, нырид æвдæм бон у дарддæр кæнынц. Демонстрантты уылæн сæвзæрдис Миннеаполисы пъæлицæйы æрдгæй тыхдзинады фæстиуæгæн, афроамерикаг нæлгоймагы, Джордж Флойды мæлæты фæстæ.