Дональд Трамп- Владимир Путинимæ нæ фембæлд рæхджы бонты сырæздзæн
АИШ-ы президент Дональд Трамп хъусын кæны, цæмæй йæ фембæлд Владимир Путинимæ гæнæн ис Хельсинкийы 11-12 июлмæ плангонд НАТО-ы саммиты фæстæ сырæза. Трампы фидиуæны публикаци кæны агентад Reuters.
«Куыд фæбæрæг афтæмæй, нæ фембæлд æнæдæр афтæ дард фидæны сырæздзæн. Æз æнæиу хатт загътон, цæмæй Уæрæсеимæ, Китайимæ æмæ алкæйимæ ахастыты æрбиноныг кæнын тынг дзæбæх уаид. Дзæбæх уыдзæн дунейæн, махæн æмæ алкæмæн дæр. Афтæмæй фембæлдзыстæм искуы Европæмæ мæ визиты рæстæджы. Уый нырма нæ ахицæн кодтам», – банысан кодта Трамп.
АИШ-ы президенты фидиуæнæй, уый Уæрæсейы президентимæ æндæр фарстатимæ иумæ Сирийы æмæ Украинæйы фарстатæ дæр æрксдзæн.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, мах фæныхас кæндзыстæм Сирийы фæдыл, Украинæйыл æмæ æндæр фарстатыл æмæ акæсæм цы æрцæудзæн. Никуы фæфиппайдзынæ цы æрцæудзæн фембæлдты рæстæджы. Фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, адæймæгтимæ фембæлдтæй гæнæн ис тынг дзæбæх цыдæр рауайа. Диссаджы фембæлд нын рауад Китайы президент Си Дзин Пинимæ. Кæмыты уыдтæн, алкуырандæр мын дзæбæх фембæлдтæ уыд. Афтæмæй гæнæн ис исты позитивон нын рауайа», – банысан кодта Дональд Трамп Урс Хæдзары журналисттимæ ныхасы рæстæджы. Дональд Трампы æмæ Владимир Путины фембæлды рæстæг æмæ датæ официалонæй абон хъуамæ фæбæрæг уа.