Дональд Трамп - Уæрæсе æмæ Украинæйы фембæлд 15 майы Турчы гæнæн ис æмæ ратта хорз фæстиуджытæ, хъуыды кæнын Стамбулмæ атæхыныл
Дональд Трамп - Уæрæсе æмæ Украинæйы фембæлд 15 майы Турчы гæнæн ис æмæ ратта хорз фæстиуджытæ, хъуыды кæнын Стамбулмæ атæхыныл

АИШ-ы президент Дональд Трамп 15-æм майы Стамбулы Уæрæсейы æмæ Украинайы минæвæртты æхсæн гæнæн фембæлд «тынг нысаниуæгджын» схуыдта.

Уый тыххæй дзырдта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министримæ хосты аргъ фæкъаддæр кæныны фæдыл цы пресс-конференци сарæзта, уым.

«Мæнмæ гæсгæ, Уæрæсе æмæ Украинæйы фембæлд цыппæрæмы Турчы уыдзæн хорз фæстиуæг. Уырны мæ, дыууæ лидеры дæр уым кæй уыдзысты. Æз хъуыды кæнын атæхыныл. Нæ зонын, кæм уыдзынæн цыппæрæмы. Мæнæн ис бирæ фембæлдтæ. Фæлæ хъуыды кæнын атæхыныл. Ис гæнæн, мæнмæ гæсгæ исты æрцæудзæн. Хъуамæ йæ фервæзын кæнæм фондз мин адæймаджы. æркæсут хæсты быдыры спутникон къамтæм, алы ран дæр ис скъуыдтæ уæнгтæ æмæ сæртæ.

Фарстыл, ахъуыды кæндзæн æви нæ Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ æрæвæрыныл, кæд æмæ Путин нæ сразы уыдзæн 30 боны æхсты фæурæдыл, уæд Трамп загъта, зæгъгæ, йæм ис ахæм æнкъарæн, æмæ афтæ бакæндзысты.

Уымæй уæлдай ма, Дональд Трамп æввахс бонты хъуамæ ацæуа Сауды Аравимæ, Иугонд Араббаг Эмираттæм æмæ Катармæ.