Дональд Трамп - Сидын Европæйы нæ хæлæрттæм, пайда кæнут мах æрдзон ресурстæй æмæ сфидар кæнут æцæг энергоæдасдзинад
Америкæйы Иугонд Штатты президент Дональд Трамп, Европæйы бæстæтæм æрсидтис, газ АИШ-æй балхæной.
Дональд Трампы дзырдæй, растдæр ацы фæндагæй ис гæнæн энергоæдасдзинады сифтонг кæнын.
Фæнысангонд куырдиат АИШ-ы президент Давосы Дунейы Экономикон Форумыл дзырдæй ралæуды рæстæджы сарызта.
«Мах уыййас æнтыстджын стæм, цæмæй АИШ-æ фыдзæрдæ ахасты цы паддзахадтæн ис уыдонæй энергоресурсты импорт мауал хуъамæ æххæст кæнæм. Америкаг æрдзон газы æгъгъæд гуырахст ис уый тыххæй, цæмæй Европæйаг æмцæдисонтæ, ма уой баст фыдзæрдæ ахаст дарæг паддзахадыл. Сидын Европæйы нæ хæлæрттæм, пайда кæнут мах æрдзон ресурстæй æмæ сфидар кæнут æцæг энергоæдасдзинад», – райхъусын кодта Америкæйы Иугонд Штатты президент.