Дональд Трамп райхъусын кодта, мигрантты иргъæвæг программæйы фæмацы кæныны фæдыл
АИШ-ы президент Дональд Трамп миграцион политикæйы ивындзинады фæлгæтты мигрантты депортацийæ иргъæвæг программæ фæурæдта. Уый Либерийы 3500 æмбæстагмæ æрсидтис, АИШ-ы территорий ныууадзынмæ, æндæр цауы та сæм зæгъгæ депортаци æртъхъирæн кодта.
АИШ-ы паддзахадон программæ DED (Deferred Enforced Departure) мигранттæн скуыста 2007 азы, кæцы дунейы æртыккаг бæстæты æмбæстæгты иргъæвы депортацийæ. Дональд Трампы инциативæйæн, уæлдæр банысангонд программæйы фæмацы кæнынмæ гæсгæ, æппæрццаг аргъ кæнынц, бораты хъахъхæнджыты фылдæр.
Либери у Африкæйы иуæй-иу сеппæтæй æмгуырдæр бæстæ, цы ран æнæнизхъахъхъæды системæ бынтон фехæлд, адæймаджы бартæ нта æнæхъахъхъæд сты.
Программæ 2018 азы 31 марты фæмацы уыдзæн, кæцыйы фæстæ дæр Либерийы æмбæстæгты депортаци этапгай райдайдзæн. Программæйы фæстæ депортаци æртъхъирæн кæны Гаитийы, дунейы сеппæтæй мæгуыр бæстæйы, 262 мин æмбæстагмæ, кæцытæ фæнысангонд программæйы бенефициартæ сты, афтæдæр 5,300 Никарагуайы æмæ Суданы 1000-ы онг æмбæстагмæ.