Дональд Трамп - Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын Путинимæ иннæ фембæлдмæ
Дональд Трамп -  Нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсын  Путинимæ иннæ  фембæлдмæ

Америкæйы иугонд  штатты  президент Дональд Трамп, Владимир  Путинимæ  дыккаг  фембæлдмæ  нæбысхгæйæ æнхъæлмæ кæсы уый тыххæй,   цæмæй  Хельсинкийы   кастгонд фарстаты   реализаци сыххæст уа.  Уый   фæдыл   Трамп,  микроблог «Твиттеры»  сæрмагонд фарсыл  ныффыста.

«Нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсын  дыккаг фембæлдмæ,  цæмæй нæ бон  бауа  Хельсинкийы цы   темæтæ  æркастыстæм,    уыдоны реализацци   сыххæст уа, кæцыты  æхсæн ис терроризм,   Израилы  æдасдзинад, сабырад  Æввахс Скæсæны,  Цæгат Корея  æмæ афтæ  дарддæр» – фыссы  Дональд Трамп.

Америкæйы  президент  банысан кодта,   цæмæй   йæ  фембæлд  Путинимæ   абсолютонæй   раст уынаффæ уыд.

«Уæрæсеимæ  саммитæн  уыд  иттæг  хорз фæстиуæг,  фæлæ  æцæг  знæгтæн нæ –  мæнг информацийы  хæлиугæнæг  медийæн»-фыссы  Трамп.