Дональд Трамп – Ким Чен Ынимæ радон фембæлд, ацы этапыл боны фæткъы нæй
АИШ-ы президенты идиуæнæй, Ким Чен Ынимæ радон фембæлд ацы этапыл боны фæткы нæ лæууы зæгъгæ. Уый фæдыл фидиуæн Трамп фембæлды фæстæ, пресс-конференцийыл сарызта.
Америкæйы президенты дзырдæй, Ким Чен Ынæй зæгъгæй райста дзырдлæвæрд цæмæй ракетæтæ нал бафæлвардзæн.
«Ыз йыл æууæндын æмæ мæ уырны цæмæй йæ дзырдлæвæрд сæххæст кæндзæн» – райхъусын кодта Трамп.
Дыууæбонон саммиты фæлгæтты Цæгат Кореяимæ бадзырдмæ нæ бантыст, Америкæйы Иугонд Штатты президенты дзырдæй, Ким Чен Ыны зæгъгæ фæндыд санкцитæ сæрæй –кæронмæ аивын. Дональд Трампы фидиуæнæй, Цæгат Кореяйыл уагæвæрд санкциты аивын АИШ-æн йæ бон нæу.
Трамп афтæдæр райхъусын кодта,цæмæй дыууæбонон саммиты фæлгæтты 2018 азы саммитæй егъау дæр прогрессмæ æрцыдысты. АИШ-ы президенты дзырдæй, разыдзинад зæгъгæ цæттæ уыд къухæвæрдмæ, фæлæ дыууæдæр фарс нæзагъд ракодтой æмæ уый æрмæст йæхи сæрмагонд уынаффæ нæ уыд.
Трампы аргълæвæрдæй, Цæгат КОреяимæ саммит продуктивон уыд æмæ хъуыдыты хъауджыдæрдзинадмæ æнæкæсгæ, кæрæдзимæ хæлар ахастæй фæцис.