Дональд Трамп хъусын кæны, цæмæй йын хъауджы дæр нæу, куыд бандавдзæн æндæр бæстæты экономикæйыл Туркæн тарфиты æрбайсын
Дональд Трамп  хъусын кæны, цæмæй  йын хъауджы дæр нæу, куыд бандавдзæн  æндæр бæстæты экономикæйыл  Туркæн тарфиты   æрбайсын

АИШ-ы  президент Дональд Трамп  хъусын кæны,   цæмæй  йын хъауджы дæр нæу, куыд бандавдзæн  æндæр бæстæты экономикæйыл  Туркæн тарфиты   æрбайсын.  Уый фæдыл  АИШ-ы президент загъта  агентад Reuters-имæ интервьюйы рæстæджы.

«Æппын мæ  нæ  тыхсын кæны.  Ымæн æмæ  раст архайд у» –  райхъусын кодта Дональд Трамп.

АИШ-ы  президент   ахст америкаг пасторы  ссæрибар кæныны бæсты, Турчы кæцыфæнды æркуырды  сыххæст  цух кæны.

Дональд Трампы  фидиуæнæй   уый зæгъгæ æнхъæл уыдис,  цæмæй Турчы  президент Реджеб Тайип Эрдогъанимæ  æрфидыдтой, Израилимæ  Турчы æмбæстагы  ссæрибар кныны тыххæй куы баныхас кодта уæд. Фæлæ   Трамп куыд банысан кодта афтæмæй,    хъуыды  кодта, цæмæй   уый бæсты  Эрдогъан та пастор Эндрю  Брансоны ссæрибар кодтаит, кæцы паддзахадон фæфæлдæхты архайдимæ цыфæнды  бастдзинад  цух  кæны.

«Тынг хъыгаг  у Турк  цы митæ кæны  уый.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,   уыдон  æбуалгъ рæдийынц.  Ницы  сын фæхатыр кæндзынæн» – райхъусын кодта  АИШ-ы  президент Интервьюйы.