Дональд Трамп – хæсты фæуды фæстæ Израиль Газæйы сектор АИШ-æн ратдзæн
Дональд Трамп – хæсты фæуды фæстæ Израиль Газæйы сектор АИШ-æн ратдзæн

Газæйы сектор АИШ-æн хæстон архæйдтыты фæуды фæстæ Израиль ратдзæн, – уый фæдыл АИШ-ы президент Дональд Трамп социалон хызагы ныффыста.

Трамп куыд банысан кодта, афтæмæй палестинæгтæ ныридæгæн æрцæрдзысты æдасдæр æмæ рæсугъддæр æхсæнадты регионы, ног хæдзæртты, æмæ сын æцæгæйдæр уыдзæн фадат амондджын, æдас æмæ сæрибар уæвынæн.

“АИШ, æппæт дунейы аразджыты гениалон къордтимæ иумæ, сабыргай æмæ лæмбынæг райдайдзысты арæзтад, кæцы суыдзæн зæххыл ахæм хуызы стырдæр æмæ диссаджыдæр проекттæй иу. АИШ-æн æфсæддонтæ нæ бахъæудзæн! Регионы уыдзæн стабилондзинад», – фыссы Дональд Трамп.