Дональд Трамп, Гиорги Квирикашвилийæн æмæ гуырдзиаг адæмæн арфæ кæны Гуырдзыстоны Хæдбар Республикæйы 100 азы юбилей
Америкæйы Иугонд Штатты президент Дональд Трамп, Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилийæн æмæ гуырдзиаг адæмæн арфæ кæны Хæдбар Республикæйы 100 азы юбилей.
«Зынаргъ премьер-министр! Сæрмагондæй сымахæн æмæ гуырдзиаг адæмæн дæр арфæ кæнын хæдбарады æмæ фыццаг республикæйы юбилей. Гуырдзыстон тынг рагон æмæ рæсугъд истори кæмæн ис ахæм бæстæ у. Бирæ хæтты бахаста йæ хай ныгуылæйнаг культурæйы уый нымæцы музыкæйы, архитектурæ æмæ кулинарийы. Уæ æфсæддæттæ æхсарджынæй хæцынц æмæ сæхиуыл нæ аæрдынц нæхи æфсæддæттимæ иумæ Афгъанистан æмæ Иракъы.
АИШ-æ æнæчиугæйæ æнцой дары Гуырдзыстоны евро-атлантикон фидæнæн, йæ суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.
Нæ дыууæ стыр бæстæйы æхсæн партнерады фæарфдæр кæныны уавæрты, æнхъæлмæ кæсын нæ нациты дзыбыхдзинад æмæ æдасдзинады æрфидары фадæттæ рабæрæг кæнын æмæ спайдайæ» – дзырдæуы Америкæйы Иугонд Штатты президенты арфæйы фыстæджы, кæцыйы райста Гуырдзыстоны премьер-министр.