Дональд Трамп – Газæйы цы цæуы, уый æвирхъау у, АИШ 60 милуан доллары æххуысæн рахицæн кодта хæлцад балхæнынæн, уый худинаг у, уымæн æмæ æз нæ уынын фæстиуджытæ
Дональд Трамп – Газæйы цы цæуы, уый æвирхъау у, АИШ 60 милуан доллары æххуысæн рахицæн кодта хæлцад балхæнынæн, уый худинаг у, уымæн æмæ æз нæ уынын фæстиуджытæ

АИШ-ы президент Дональд Трамп критикæ кодта Газайы гуманитарон уавæр.

«Æвирхъау у, цы цæуы уым. Уый у æвирхъау» – райхъусын кодта Трамп журналисттæн йæ расидæны.

Трамп куыд бамбарын кодта, афтæмæй АИШ цалдæр къуырийы размæ Газæйы секторæн 60 милуан доллары гуманитарон æххуыс рахицæн кодта хæлцады балхæнынæн.

«Уый у худинаг, уымæн æмæ æз нæ уынын фæстиуджытæ», — загъта Трамп.

АИШ-ы президенты ныхасмæ гæсгæ, æххуыс лæвæрд æрцыд уыцы организацитæн, кæцытæ теоретиконæй контрол кæнынц дистрибуцийы процесс.

«Проблемæйы иу хай уый мидæг ис, æмæ «Хамас» æхца исы æмæ хæринаг дæр райсы.