Дональд Трамп – фæнды мæ бузныг зæгъон америкаг адæмæн ацы сæрмагонд кады тыххæй, нæ къухы бафтыд сеппæтæй æнæуырнæг политикон уæлахиздзинад, тох кæндзынæн уæ фидæныл
Дональд Трамп – фæнды мæ бузныг зæгъон америкаг адæмæн ацы сæрмагонд кады тыххæй, нæ къухы бафтыд сеппæтæй æнæуырнæг политикон уæлахиздзинад, тох кæндзынæн уæ фидæныл

Фæнды мæ бузныг зæгъон америкаг адæмæн сæрмагонд кады тыххæй, нæ къухы бафтыд алкæмæй æнæуырнæг политикон уæлахиздзинад, æз тох кæндзынæн уæ фидæныл – уый фæдыл развæлгъау фæстиуджытæм гæсгæ расидтис АИШ-ы президентмæ кандидат, Дональд Трамп.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, уый америкаг адæмæн у кадджын уæлахиз æмæ бæстæйæн та сыгъзæрин дуг.
«Фæнды мæ бузныг зæгъон америкаг адæмæн, сæрмагонд кадæн мæ кæй сæвзæрстой уæ 47-æм президентæй. Алы æмбæстаг æмæ сæ бинонты сæраппонд, æз тох кæндзынæн уæ фидæны сæраппонд. Æз алы бон дæр тох кæнын уæ сæраппонд, æз нæ æрлæудзынæн, цалынмæ нæ къухы нæ бафта, нæ сывæллæттæ цы фидар, æдас æмæ дидинæфтыд Америкæйы аккаг сты, уый. Ай æцæгæйдæр уыдзæн сыгъзæрин дуг Америкæйæн, ай у стыр уæлахиз америкаг адæмæн, кæцы нын фадат ратдзæн Америкæйы ногæй стыр скæнын» – райхъусын кодта Дональд Трамп.
Дональд Трамп бузныг расидтис Цæгат Каролинайы, Гуырдзыстоны, Пенсильвани æмæ Висконсины сæйраг штатты адæмæн сæ фарсылхæцындзинады тыххæй. Уый ма бузныг загъта йæ бинойнаг Мелания Трампæн æмæ йæ бинонты æндæр уæнгтæн.
«Америкæ нын радта æнæпрецедентон æмæ хъомысджын мандат. Мах ногæй райстам Сенатыл контроль. Ахæм уæлахиз æнхъæл ничи уыд. Фæнды мæ уеппæтæн дæр бузныг зæгъын. Æмæ афтæ дæр афтæ зыны, цыма минæвæртты палатæйы дæр контроль бахъахъхъæндзыстæм» – райхъусын кодта Дональд Трамп.