Дональд Трамп – Дунейы базарадон организацийы æмæ транс-сабыр океаны партнерады уæнгæй уæвын, АИШ-æн пайдаджын нæу
Дунейы базарадон организацийы æмæ транс-сабыр океаны партнерады уæнгдзинад АИШ-æн пайдаджын нæу, бирæ эффектджын æмæ пайдаджын дæр сты дыууæфарсон ахастытæ – хъуыды кæны АИШ-ы президент Дональд Трамп.
«Японийы æмæ Хуссар Кореяйы фæнды транс-сабыр океаны партнерадмæ нæ æрыздахой. Мæнæн ацы æнхъарæн мæ зæрдæмæ нæ цæуы « – фыссы Дональд Трамп социалон хызаг «Твиттеры» æмæ аргументæй дунейы базарадон организацийы уæнгдзинад æрхаста.
Транс-сабыр океаны партнерадыл къух бафыстой 2016 азы 12 бæстæйæ – АИШ-æ, Канадæ, Австрали, Ног Зеланди, Сингапур, Малайзи, Бруней, Вьетнам, Япони, Мексикæ, Чили æмæ Перу. Фæнсангонд бæстæтæй у дунейы экономикæйы 40%. Урс Хæдзары администрацимæ куыд æрбацыд, афтæмæй Дональд Трамп йæ къух бафыста бадзырдæй АИШ-ы рацыды фæдыл документыл.