АИШ-ы президент Дональд Трампы фидиунæй, «Цæгаты Къада 2» зæгъгæ у трагеди æмæ азар, уымæн æмæ Германи æмæ æндæр бæстæтæ, миллиардгай доллар фидынц Уæрæсейæн, ацы рæстæджы та архайынц Дунейы сабырад æрфидар кæнын.
Дональд Трампы ныхæстæм гæсгæ уый комкоммæ загъта Ангела Меркелæн, цæмæй уый раст нæу, уымæн æмæ Германи электроэнергийы 40-50%-ы æмæ ноджы куыд фехъусыта афтæмæй, 70% дæр вæййы, исы Уæрæсейæ. Президенты ныхæстæм гæсгæ, æнæруадзгæ у, сабырадыл сагъæс кæнын, æмæ ацы рæстæджы та ахæм егъау бæстæйы ай йас æндæвдады бын дæ.
Фæлæ ай нæу иунæг фарста, цæй тыххæй дæр АИШ-ы президент Германийы канцлер Ангела Меркелы скритикæ кодта. Дональд Трамп, негативонæй фæзындæй схуыдта имиграцийы, уый нымæцы Германи йы гом дуары арæнты политикæ. Президент хъуыды кæны цæмæй, ахæм фæзынд ивы культурæ æмæ æдасдзинад.
Доональд Трамп афтæдæр æрымысыд Германийы архæйдтытæ, Солсберрийы инциденты фæстæ, кæцы рæстæджы дæр Британийæн фарсхæцыны нысанæй, АИШ-æ бæстæйæ 60 –ы онг уырыссаг джипломатты раддæдуар кодтой, Германи та æрмæст æртæйы.