Дональд Трамп – ахастыты æрбиноныг кæнын хорз у, дунейы дæр уый рахатын фæнды
Комкоммæ фембæлды размæ, АИШ-ы æмæ Уæрæсейы президенттæ, медиимæ цыбыр комментаритæ сарызтой.
Дональд Трамп Путинæн раарфæ кодта Дунейы Чемпионаты ауадзын æмæ банысан кодта, ома уый иуæй-иу сеппæтæй хуыздæр чемпионат кæй уыд.
Америкæйы президенты ныхæстæм гæсгæ, лидертæ бирæ фарстайыл фæныхас кæндзысты, базарады фарстатæй уæлдай ма, Китайы фарстайыл дæр.
«Иумæ иттæг хорз фадат нæм ис, ахастытæ æрбиноныг кæнын тынг дзæбæх у. Дунейы дæр раст уый фенын фæнды. Махмæ ис дунейы атомон арсеналы 90 процент æмæ уый хорз нæу. Æвзæр у æмæ мæм ныфс ис, уый фæдыл дæр фæныхас кæндзыстæм. Ай нæу позитивон тых, æгæр негативон тых у» – райхъусын кодта Америкæйы Иугонд Штатты президент.